Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2021
Рафыссын
Трассӕйы уылты фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой къуырисӕры изӕры. Тӕрккъӕвдатӕ хӕхты ссисты цъыфы зӕйты аххосаг

ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik, Козаты Диана. Транскавказаг автомагистралы сыгъдӕг кӕнынц фӕндаг цъыфы зӕйы фӕстиуджытӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.

Транскамы уылты фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой къуырисӕры изӕры. Тӕрккъӕвдатӕ хӕхты ссисты цъыфы зӕйты аххосаг.

"Фӕндагон службӕтӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй фӕндагон змӕлд сног кӕной ӕввахс рӕстӕджы. Куысты бӕрцуат у егъау, уый фӕдыл нӕ бон зӕгъын нӕу, кӕд бакӕндзысты фӕндаг", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Транскавказаг магистраль цӕуы бӕрзонд хӕххон фадгуытыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Трассӕйы дӕргъ у 164 километры - йӕ уӕрӕсейаг хай у 97 километры.

Ног хабӕртты лентӕ
0