Халæппæрст сбæрæг кодта Хуссар Иры командæйы ныхмæлæуджыты "Танкон биатлоны"

© Sputnik / Vadim Savitskiy"Танкон биатлоны"
Танкон биатлоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Рафыссын
Халæппæрсты хайад райстой 19 бæстæйы минæвæрттæ - АрМИ-2021 уæнгтæ, кæцыты адихтæ кодтой дыууæ дивизионыл

ЦХИНВАЛ, 17 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны командæ АрМИ-2021 конкурс "Танкон биатлоны" дыккаг дивизионы ралæудзæн бур хуыз танкæтыл, сæ ныхмæлæуджытæ уыдзысты танкисттæ Абхаз, Катар, Киргизи, Лаос, Мали, Мьянма æмæ Таджикистанæй. Ахæм фæстиуджытæ фæбæрæг сты командæты халæппæрсты руаджы, кæцы ацыд Падмосковьейы парк "Патриот"-ы, хъусын кæны хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.

Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Хъахъхъӕнынады министрады командӕ ӕрцыд Алабиномӕ АрМИ-2021-мӕ цӕттӕкӕнынады фӕдыл

Ивгъуыд аз дæр Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады командӕтӕ равдыстой аккаг фӕстиуджытӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты. Уӕлдай расгуыхтысты танкисттӕ "Танкон биатлон" конкурсы. Уыдон бацахстой ӕртыккаг бынат дыккаг дивизионы.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй халæппæрсты хайад истой конкурсы тæрхонгæнджытæ æмæ 19 бæстæйы командæты минæвæрттæ. 2020 азы ралæудты фæстиуджытæм гæсгæ æмбырдгæндтæ дих æрцыдысты дыууæ дивизионыл.

Индивидуалон ерысты скъуыддзæгтæм гæсгæ, сараздзысты хуыздæр экипажты рейтинг. Фыццаг æртæ суыдзысты этап "Индивидуальная гонка"-йы уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.

Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ "АрМИ-2021" уагъд цӕудзысты 22 августӕй 4 сентябрьмӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон форум "АРМИЯ-2021" мадзӕлттимӕ иумӕ полигон "Алабино" ӕмӕ парк "Патриот"-ы. Хъӕзтытӕ ӕмӕ Форумы иумӕйаг баконд ацӕудзӕн 22 августы Конгрессон-равдыстон центр "Патриот"-ы, цы ран хайад райсдзысты Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады, хицауады ӕмӕ хъахъхъӕнынадон сӕудӕджерады куыстуӕтты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма фӕсарӕйнаг делегацитӕ ӕмӕ уазджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0