Хуссар Иры сӕйраг терапевт ӕрдзырдта коронавирусы ныхмӕ вакцинацийы фӕтк ӕмӕ цифрӕтыл

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæВакцинаци
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2021
Рафыссын
Ныридӕгӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центры ис вакцинӕ "Спутник", фӕстӕдӕр райсдзысты "Лайт" дӕр
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара радзырдта Sputnik, кӕмӕн хъӕуы ӕнӕмӕнг саразын вакцинӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ цы фӕдзӕхсттӕ ис, уый тыххӕй.
Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, вакцинӕ тӕссаг кӕмӕн у, уыдон уӕлӕмхасӕй хъуамӕ цӕуой сгӕрст.
"Дыууӕ-ӕртӕ боны дӕргъы гӕнӕн ис ӕмӕ фӕбӕрзондӕр уа температурӕ. Куыд хъӕуы архайын, уый сын бацамонын. Вакцинаци рацӕуыны бар нӕй ӕрмӕст уӕззау аллергион реакци кӕмӕн ис, уыдонӕн. Уый хъуамӕ скъуыддзаг цӕуа аллергологимӕ. Стӕй ма иугӕндзойнон низтӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕ тӕккӕ цырыныл куы уой, уӕд дӕр", - загъта Санахъоты Тамара.
Уый ма бафтыдта, уыимӕ иумӕ иугӕндзойнон низтӕ кӕмӕн ис, уыдон кӕй сты тасы зонӕйы ӕмӕ сӕ хъӕуы саразын вакцинӕ.
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.06.2021
Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, куыд цӕуы вакцинаци
"Уыдонӕн ноджы ахсджиагдӕр у вакцинаци, фӕлӕ хъӕуы равзарын ахӕм рӕстӕг, цӕмӕй низ цырын ма уа", - бафтыдта медик.
Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныззаказ кодта ноджы иу мин дозӕ "Спутник V" ӕмӕ иукомпонентон "Лайт" дӕр.
Хуссар Ирыстоны вакцинаци райдыдта 2021 азы майы. Фыццаг парти уыд 2 000 дозӕйы Спутник-V дыууӕ компоненты. Ныры онг фыццаг компонент сарӕзтой 1 021 адӕймаджы, дыккаг - 820.
Ног хабӕртты лентӕ
0