Хуссар Иры театры труппӕ ралӕудзӕн Дагестаны национ театрты фестивалы

© Пресс-служба ГДТХуссар Иры театры труппӕ ралӕудзӕн Дагестаны национ театрты фестивалы
Хуссар Иры театры труппӕ ралӕудзӕн Дагестаны национ театрты фестивалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.10.2021
Рафыссын
Дагестаны национ театрты фестивалы архайы 19 национ театрты. Сӕ нымӕцы дард фӕсарӕнтӕй дӕр - Болгари, Сомихстон, Казахстан ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕй
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппӕ ныццыд Дагестанмӕ национ театрты фестивалы хайад райсынмӕ. Уым сфӕлдыстадон къорд равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Спектакль сног кодтой ацы аз уалдзӕджы. Ӕвӕрд ӕрцыд Уильям Шекспиры уацмысмӕ гӕсгӕ, ирон ӕвзагмӕ йӕ раивта Джусойты Нафи.
"Фестивалы Хуссар Иры труппӕ дыццӕджы изӕры равдисдзӕн спектакль "Юлий Цезарь", - загъта уый.
Спектакль "Юлий Цезарь"-ы архайынц адӕмон артисттӕ Хаситы Вильгельм, Бибылты Сослан ӕмӕ Тъехты Василий, сгуыхт артисттӕ Джиоты Сослан, Харебаты Жан-Жак, Куымӕридтаты Батрадз ӕмӕ артист Гаглойты Эдуард.
Дагестаны национ театрты фестивалы архайы 19 национ театрты. Сӕ нымӕцы дард фӕсарӕнтӕй дӕр - Болгари, Сомихстон, Казахстан ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0