Хуссар Ир гом кæны таможнæйон пункт Гуырдзыстонимæ арæныл

Таможнæйы кусджытæ хæсдзысты службæ арæныл хизыны фæрогдæргонд пункт "Мосабрун"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны таможнæйон органтæ къуырийы æмгъуыдмæ бакæндзысты таможнæйон пункт Гуырдзыстонимæ арæныл — фæрогдæргонд пункт "Мосабрун"-ыл. Уый тыххæй хицауады рауæрæхгонд рабадтыл дыццæджы фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.

Хуссар Ир бакæндзæн таможнæйон пункт Гуырдзыстонимæ арæныл

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонимæ арæныл ныридæгæн æвæрд æрцыдысты вагæттæ, цы ран хæсдзысты службæ таможнæйы кусджытæ – сгардзысты, республикæйы арæныл цы базайрæгтæ æмæ уæргътæ ласт цæуынц, уыдон.

Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, Ленингоры районы цæрджытæн ис бар Гуырдзыстонæй æрбаласын 50 кг уаргъ иу адæймагæн. Арæнхъахъхъæнджытæн бар кæй нæй уæргътæ барын æмæ контроль кæнын, уый тыххæй ацы фарстытæ скъуыддзаг кæндзæн таможнæйон пункт.

Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстонæй Ленингоры районмæ нæ уыдзæн бар ласын фосдарынады продукци, уый нымæцы фос. Уый нысанæн таможнæйы кусджытимæ постыл лæудзысты "Югоссельхознадзор"-ы кусджытæ дæр.