Цæгат Иры фæфылдæр сты ахуыргæнджыты мыздтæ

Рæстæмбис мызды бæрц хизы 20 мин соммæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты рæстæмбис мызды бæрц сси 19 мины æмæ 900 сомы. Ӕвæрццаг ивындзинæдтæ рцыдысты Уæрæсейы президенты барамындæй, хъусын кæны ПТРК "Алания" ахуырады æмæ наукæйы министр Азымты Иринæйы ныхæстæ.

Рæстæмбис мызды бæрц сси 19 мины æмæ 900 сомы.

Хуссар Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

"Ис ныллæг мыздтæ – 8-10 мин сомы бæрц, ис, 25, 30 æмæ суанг 40 мин сомы чи исы, ахæм педагогон кусджытæ дæр. Арæзт цæудзысты, уавæр аивыны мадзæлттæ, цæмæй стыр хицæндзинад ма уа. Хъæугæ фæрæзтæ æвæрд æрцыдысты 2018-æм азы бюджеты дæр", — загъта министр.

Уый ма банысан кодта, сывæллæттæн рæвдауæндæтты бынæттæ амал кæныны президенты указ та 95 %-æн æххæстгонд у.

"Фарста алыг кæныныл архайынц. Ныртæккæ республикæйы арæзт цæуы 4 ног рæвдауæндоны. Байгом сæ кæндзысты сентябрмæ. Февралы та Дзæуджыхъæуы фæзындзæн 120 уæлæмхасæн бынаты", — балхынц кодта Азымты Иринæ.