Хуссар Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

© Sputnik / Алексей КовалевХицауады агъуыст
Хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæ мыздтæ нæ фæфылдæр уыдзысты паддзахадон кусджытæ æмæ тыхон структурæты минæвæрттæн

ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæ декабры райсдзысты фæфылдæргонд куыстмызд, уыцы хъуыддагæн рагхыгъд цæуы 195, 5 млн сомы. Уынаффæ райстæуыд министрты кабинеты рабадты рæстæджы майрæмбоны, фехъусын кодтой Sputnik хицауады пресс-службæйы.

Мызды индексаци нывæзтгонд цæуы фарон декабры бафыстгонд сразыдзинады фæлгæтты уæрæсейаг бюджеты фæрæзтæй республикæйы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты мыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы кусджыты мызд ӕрбалæугæ азы фœфылдœр уыдзœн 20%

"Уыимæ иумæ, мызды фæфылдæр нæ бандавдзæн тыхон структурæтæ æмæ паддзахадон кусджытыл. Уый бандавдзæн скъолаагъоммæ, иумæйаг æмæ уæлдæр профессионалон ахуырады кусджытыл, кондадон ахуырады ахуыргæнджытыл, дохтырты, астæуккаг æмæ кæстæр медперсоналы, паддзахадон дзыллон информацийы фæрæзты, культурæйы кусджытыл æмæ а. д.", — загътой пресс-службæйы.

Финансты министр Хæбæлаты Азайы ныхæстæм гæсгæ, декабры кусджытæ райсдзысты фæфылдæргонд мызд, ацы азы январæй ноябры онг снысангонд процентимæ. Министр нæ раргом кодта дырыс цифрæтæ, уымæн æмæ процент хицæн кæндзæн æндæр æмæ æндæр категориты кусджытæн.

Куыстмызд цы министрæдтæ æмæ ведомствæты фæфылдæр уыдзæн, уыдон октябры æмбисмæ хъуамæ æрбавдисой сæ бахыгъдтæ финансты министрадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0