МХМ: Ахæстытæ Цхинвалы æрлæууын кодтой сæ нæхæрын

Зæронд Ног азы размæ рæстæгмæдарæн изоляторы ахæстытæ расидтысты нæхæрын æвзæр уавæрты æмæ персоналы æрдыгæй фæнæмыны цауты тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Рæстæгмæдарæн изоляторы (РДИ) ахæстытæ Цхинвалы æрлæууын кодтой нæхæрын, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны МХМ-ы.

Цхинвайлаг рæстæгмæдарæн изоляторы ахæстытæ расидтысты нæхæрын 13 январы.

МХМ-ы радзырдтой, ныртæккæ изоляторы уавæр кæй рарæстмæ ис.

"Ахæстытæ исынц хæрд æмæ æрвитæггæгтæ сæ хиуæттæй. Ахæстытæй иу – Джиотæй, кæцы арæх фæлæууы барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ныхмæ æмæ кæцы расидт нæхæрын, уый дæр ныууагъта йæ нæхæрын", — загътой МХМ-ы.

Агентады дзырдæмбалы ныхæстæм гæсгæ, Джиойы фырты ракæндзысты рæстæгмæдарæн изоляторæй рæстмæгæнæн колонимæ.

"РДИ-ы ахæстыты нымæц у бынæттæй фылдæр. Уымæй раддæр ма РДИ-мæ бахауынц административон фыдракæндтæ чи саразы, уыдон. Джиойы фырт та бады давыны тыххæй, уымæ гæсгæ йæ æртыццæджы ракæндзысты рæстмæгæнæн колонимæ", — банысан кодтой ведомствæйы.

Уыимæ иумæ Джиойы фырты хæстæджытæ дзурынц, изоляторы нæхæрын нырма кæй не ′рлæууыд.

Ахæстытæм бацыд адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал.