Гасситы Мурæты тыххæй хуыздæр æмдзæвгæйы автор ацæудзæн йæ тохмæ Сочимæ

Номдзыд богал Фадзайты Арсен цы конкурс расидт, уый фæуыдзæн 25 январы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 янв— Sputnik, Козаты Диана. Федерацийы Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй, уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпион Фадзайты Арсен фехъусын кодта боксæй дунейы чемпион Гасситы Мурæты тохмæ балцмæ æмбулæны тыххæй. Уый тыххæй сенатор ныффыста йæ аккаунты Instagram.

Хуыгаты Алан рахиздзæн рингмæ Сочийы Гасситы Мурæтимæ иу изæр

Гасситы Мурæт 3 февралы Сочийы Ихын галуан "Большой"-ы аренæйыл фембæлдзæн Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналист Юниер Дортикосимæ. Тохмæ балц рамбулдзæн ирыстойнаг чемпионы тыххæй иууыл хуыздæр æмдзæвгæйы автор.

"Мах уадзæм æмбулæн нæ чемпион Гасситы Мурæты тохмæ, цы ран хайад райсыны фадат ис Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн! Рамбулыны тыххæй хъæуы æрхъуыды кæнын цыппаррæнхъон æмдзæвгæ Мурæты тыххæй æмæ йæ ныффысын комментариты ацы посты бын", — ныффыста Фадзайты Арсен.

Конкурс балхынцъ уыдзæн 25 январы 17:00 сахатыл, фæуæлахиз уыдзæн, сенатры посты бын фылдæр лайктæ кæй комментарий райса, уый.

"Иууыл фылдæр лайктæ чи райса, уымæн фадат уыдзæн Сочиймæ ноджы иу адæймаг акæнын! Уæлахиздзау уыдзæн иу, тохмæ та ацæудзысты дыууæйæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ алцыдæр у æмбæрстгонд. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ! Райдыдтам!", — ныффыста депутат.

Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй ирон боксуарзджытæ организаци кæнынц дзыллон ацыд Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналмæ Сочимæ.