2018 азы Олимпиадæмæ ацæудзысты 169 уæрæсейаг спортсмены

ӔОК ныммыхуыр кодта 17 критерийы, кæцытæм гæсгæ æвзæрста, кæцы спортсментæ æрцæудзысты уагъд хъæзтытæм
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 янв— Sputnik. Уæрæсейаг командæйы æлхынцъон номхыгъд 2018 азы зымæгон Олимпиаг хъæзтытæм хуссаркореаг Пхенчханы сфидаргонд æрцыд цыппæрæмы, уырдæм бацыдысты 169 спортсмены, хъусын кæны Р-Спорт. Уыимæ иумæ уырдæм нæ бацыдысты раззагондæр атлеттæ.

Тедеты Бахва Олимпиаг хъæзтыты тыххæй: хъуыддаг ис политикæйы мидæг

Олимпиадæйы хайад райсыны тыххæй OAR-ы (спортсментæ-олимпиæгтæ Уæрæсейæ) бавдыст сфидар кодта Уæрæсейаг олимпиаг комитет националон æмæ æхсæнадæмон федерацитимæ иумæ.

Уæрæсейы спорты министр Павел Колобков цыппæрæмы фехъусын кодта, 2018 азы Олимпиадæмæ бавдыстмæ цы 169 спортсмены бахаст æрцыдысты, уыдон сæхæдæг скъуыддзаг кæндзысты, ацæуой æви нæ Хъæзтытæм.

"169 – у официалон номхыгъд, уыимæ иумæ спортсментæ сæхæдæг скъуыддзаг кæнынц, ацæуой æви нæ. Уый у æлхынцъон номхыгъд", — фехъусын кодта Колобков журналисттæн.

Уый размæ, цыппæрæмы, Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет (ӔОК) ныммыхуыр кодта 17 критерийæ номхыгъд, кæцытæй спайдагонд æрцыд уæрæсейаг спортсменты равзæрсты рæстæджы. Уымæ гæсгæ, ӔОК бафæлвæрдта бамбарын кæнын, рад титулджын уæрæсейаг спортсмены цæмæн баззайдзысты æнæ Олимпиадæйæ.