Ӕнæниздзинад æмæ ахуырад горæт Къуайсайы

Къуайсайы поликлиникæйы кусынц итæг хорз специалисттæ, горæты скъолайы ахуырдзаутæ та исынц хорз ахуырад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik, Гæбæраты Ян. Горæт Къуайсайы (Хуссар Ирыстоны Дзауы район) рынчындоны ног бæстыхайы ис бирæ адæм: уыдон æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ æмæ цæуылдæрты дзурынц, медицинон хотæ зилынц палатæтыл æмæ ныхас кæнынц рынчынтимæ. Ам у тынг сыгъдæг æмæ хъарм.

Квайса

Палатæты хуыссынц фылдæр бæрцæй ацæргæ кары адæм. Поликлиникæйы сæйраг дохтыр Цхуырбаты Ульяна куыд банысан кодта, афтæмæй горæты хистæр кары адæм фылдæр тыхсынц туджы бæрзонд æлхъывдад æмæ сæкæрнизæй. Поликлиникæйы уыдонмæ ис хорз æркаст, ифтонг сты хостæй, бахъуыды рæстæджы сæ арвитынц стационармæ.

"Фæстаг рæстæджы Къуайсайы сарæх сты онкологон низтæ, уæлдайдæр хистæр кары адæмы æхсæн. Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, уымæн йæ аххосæг у уæлдæфы чъизидзинад, фæлæ мæ нымадмæ гæсгæ, уый у фæсхæст стрессы фæстиуæг", — загъта сæйраг дохтыр.

Рынчындоны цур поликлиникæ аразы лæггæдты æххæст спектр хирурги æмæ акушерон лæггæдтæй дарддæр: гинекологи, педиатри, УЗИ. Ис дзы стоматологон хайад, цы ран кусы республикæйы хуыздæр стоматологтæй иу. Йæ лæггæдтæ йын зæрдиагæй кæй агуырынц, ууыл дзурæг дæргъвæтин рад йæ кабинеты дуары раз.

Квайса

Поликлиникæйæ чысыл фалдæр ис Къуайсайы астæуккаг скъола. Ам ахуыр кæны 145 сывæллоны, кусы дзы 29 ахуыргæнæджы. Скъола фæстæ нæ лæууы ног технологитæй: ам ис информатикæйы кабинет, интерактивон къластæ.

Уæлдай акцент къухдариуæгад æвæры æрдзон зонадыл, уымæ гæсгæ хими æмæ физикæйы кабинеттæ ифтонг сты нырыккон стандарттæм гæсгæ.

Квайса

Ацы мадзæлттæн ис æвæрццаг æндæвдад скъоладзауты ахуырадыл. Скъолайы директор Хуыгаты Суликъо, бирæ премиты лауреат, равдыста дипломтæ æмæ бузныджы грамотæты баст, кæцытæ ахуыргæнинæгтæ рамбылдтой районон æмæ республикон ерысты.

"Махмæ ис алы фадæттæ дæр спорты уроктæн: ис нын стыр спортивон зал æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг экипировкæ. Нæ сывæллæттæ хорз равдисынц сæхи футболæй ерысты æмæ зарницæты", — загъта директор.

Квайса

Уый ма банысан кодта, ацы аз скъола кæй æййафы чингуыты хъуагдзинад цалдæр предметæй.

"Нæ нын фаг кæнынц чингуытæ æмæ кусæгон тетрæдтæ англисаг æвзаг æмæ ирон литературæйæ, ахуыргæнинæгтæ сæ кæнынц æлхæнгæ. Хъæуы ма нæ фылдæр классикон литературæ: Толстой, Достоевский æмæ Чеховы чингуытæ", — бафтыдта Хуыгаты Суликъо.