Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хæстæй

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ райстой хайад æмбуар хæстæй ерысты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы республикон фæсивæды спортивон скъолайы ацыдысты ерыстæ æмбуар хæстæй, цы ран райстой хайад Милицийы сæрмагонд нысанииуæджы къорды (МСНК) кусджытæ, хъусын кæны республикæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Хуссар Иры МСНК-ы кусджытæ равдыстой, кæй сын нæй æмбал Калашниковæй æхсынæй

Ерыстæ нывонд уыдысты Хуссар Ирыстоны МСНК сырæзтыл 26 азы сæххæстæн.

Хуссарирыстойнаг МСНК кусджытæ равдыстой сæ арæхстдзинад æмбуар хъæбысхæсты. Ерыстæ уагъд цыдысты авд уæзы категориты.

Ӕмбуар хъæбысхæстæй ерыстæ уагъд цæуынц æрвылаз дæр æмæ фадат дæттынц МСНК-ы иууыл тыхджындæр службæгæнджыты рафæлгъауын.