Цхинвайлӕгтӕ бакӕсдзысты Гасситы Мурӕты тохмӕ кафе "Vincenzo"-йы

Гасситы Мурӕт ӕмӕ Юниер Дортикосы тох ацӕудзӕн 3 февралы, ныхмӕлӕуд равдисдзысты цхинвайлаг популярон кафейы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер Гасситы Мурӕты тох кубӕйаг Юниер Дортикосимӕ равдисдзысты комкоммӕ эфиры цхипнвайлаг кафе "Vincenzo"-йы, загъта йӕ пресс-конференцийы Sputnik уагдоны хицау, Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Уалыты Альберт.

Гасситы Мурӕт ӕмӕ Дортикос рахызтысты рингмӕ: гом тренировкӕйы видео

Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалмӕ рахизыны сӕраппонд тох уагъд ӕрцӕудзӕн 3 февралы Сочийы. Гасситы Мурӕты тох Цхинвалы популярондӕр хиирхӕфсӕн бынаты равдисын ссис традицион.

"Мурӕты тох райдайдзӕн ӕхсӕвы фыццаг сахатыл, фӕлӕ мах трансляци райдайдзыстӕм 20.00 сахатыл. Хонӕм ирон боксеры фасхӕцджыты кафе "Vincenzo"-мӕ", — загъта федерацийы президент.

Уалыты Альберт банысан кодта, республикӕйы кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц радон цымыдисон ӕмӕ фӕстиуӕгджын ныхмӕлӕудмӕ.
Ӕппӕтдунейон суперсерийы турнир боксӕй райдыдта 2017 азы сентябры ӕмӕ фӕуыдзӕн ацы аз майы. Йӕ призон фонд у 50 милуан доллары. Уымӕй дарддӕр ма, турниры уӕлахиздзаутӕ райсдзысты Мухаммед Алийы номыл трофейтӕ.