Цхинвалы æхсæз адæймаджы фæхъæстæ сты газæй

Зианбаййафджыты фæхæццæ кодтой республикон рынчындоны реанимацион хайадмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Цхинвалы бинонтæ æхсæз адæймагæй фæхъæстæ сты газæй, хабар æрцыд къуырисæры æхсæвы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Газы срæмыгъд ныппырх кодта хисæрмагонд хæдзар Цхинвалы

Ведомствæйы банысан кодтой, зианбаййафджыты кæй фæхæццæ кодтой республикон соматикон рынчындонмæ, цы ран сын бакодтой æнæмæнгхъæуæг æххуыс.

Рынчындоны куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зианбаййафджыты ауагътой хæдзармæ уыцы æхсæв, сæ уавæр у хорз.

Сыгъдхъæстæйы ахъуызыны аххосæгтæ бæлвырд кæны Хуссар Иры УУМ.