ПӔК-ы фехъусын кодтой Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы арæнтыл уагæвæрд фехалыны тыххæй

Ведомствæйы фехъусын кодтой арæны хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æмæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг фадгуытыл уагæвæрд фехалыны фæдыл цифрæтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæныл январы ахст æрцыдысты 23 арæнсæттæджы, фехъусын кодтой республикæйы паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстоны ногæй æрæвнæлдтой арæны хæрзарæзтадмæ

Ведомствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй 19 арæнсæттæджы æрцахстой республикæйы арæныл Гуырдзыстонимæ, цыппары та – Уæрæсеимæ арæныл, уадзæн пункт "Рукъ"-ы.

Барадон режимы алы фехæлды факты фæдыл дæр ПӔК-ы арæнгæрон службæ ауагъта равзæрст, арæнсæтджыты ныхмæ ист æрцыдысты "административон æфхæрды мадзæлттæ æмæ семæ уагъд æрцыд æмбарынгæнæн куыст".

ПӔК-ы информацимæ гæсгæ, 15 адæймаджы æрцыдысты иваргонд, æртæйæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ феддæдуар кодтой ивар бафидыны фæстæ, æртæйæ – æнæ иварæй. Ноджы ма дыууæйæн та радтой фæдзæхст.

Арæнсæтджытæ паддзахады къазнамæ бафыстой ивар 48 мин сомы бæрц. Уымæй дарддæр ма, арæнхъахъхъæнджыты æрмæджытæм гæсгæ, таможнæйы кусджытæ райстой 22 мин сомы.