Хуссар Ирыстоны ногæй æрæвнæлдтой арæны хæрзарæзтадмæ

© Sputnik / Наталья АйриянАрæн
Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноябрæй Хуссар Ирыстоны арæныл Гуырдзыстонимæ æвæрд æрцыд километрæй фылдæр дæргъæн гæрæн

ЦХИНВАЛ, 23 янв— Sputnik, Козаты Диана. Фæстаг фондз азы мидæг фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ ивгъуыд азы кæрон райдыдта Гуырдзыстонимæ республикæйы арæны инженерон хæрзарæзтад, хъусын кæны ПӔК-ы пресс-службæ.

Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хæрзарæзтад райдыдта арæн хъахъхъæнынады фæдыл иумæйаг мадзæлтты тыххæй Уæрæсеимæ æхсæнпаддзахадон сразыдзинад бафыссыны фæстæ.

"Паддзахадон арæныл æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, 2014 азæй фæстæмæ фыццаг хатт, ПӔК-ы арæнгæрон службæйы хъомыстæй райдыдта паддзахадон арæны инженерон хæрзарæзтад. Знауыры районы Калеты хъæуы цур æвæрд æрцыд 1250 метры дæргъæн гæрæн", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Ведомствæйы ма банысан кодтой, фарон арæнгæрон службæйы оперативон-кусæгон архайд æххæст кæй цыд нормативон-барадон акттæм гæсгæ, кæцытæ амонынц арæнгæрон органты архайд, афтæ ма æндæр ахсджиаг документтæм гæсгæ.

"Хуссар Ирыстоны уæвæг ӔФС-ы Арæнгæрон управлени районты администрацитимæ иумæ арæнгæрон зонæмæ бацæуæнты сæвæрдтой фæдзæхстон нысæнттæ (арæныл æдæппæтæй ис 63 ахæм нысаны). Афтæ ма, ивгъуыд азы æвæрд æрцыд 13 информацион амонæджы паддзахадон арæныл. Ӕдæппæтæй сты 83", — банысан кодтой ПӔК-ы пресс-службæйы.

Граница Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК зæрдыл æрлæууын кодта арæнгæрон зонæмæ цæуыны уагæвæрд

Ведомствæйы куыд загътой, афтæмæй, ацы мадзæлттæм æнæкæсгæйæ, нысангонд æрцыдысты фæдзæхстон амонæгты фехалыны факттæ. 2017 азы ноябры Дзауы районы Къозы цадмæ æввахс, арæнгæрон зонæмæ бацæуæны, хæлд æрцыд информацион амонæг. Фæткхалæгыл æвæрд æрцыд административон бæрндзинад, уый иваргонд æрцыд амонæджы аргъы бæрц – 10 500 сомы.

ПӔК-ы æрсидтысты республикæйы æмбæстæгтæм, цæмæй сын уа арæхстгай ахаст инженерон æмæ æндæр арæзтæдтæм паддахадон арæныл æмæ ма халой уæлдæр ранымадгонд паддзахадон исад.

Ног хабӕртты лентӕ
0