ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ интеграцийы принциптыл æмæ сæм конъюнктурон дызæрдыгдзинæдтæ æмхиц не сты, загъта УФ-йы минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов Дипломатон кусæджы боны фæдыл йæ раныхасы.
Уæрæсейаг дипломаттæ нысан кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон 10 февралы.
"Хæларадон уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ интеграцийы принциптыл. Уыдоныл не ндавынц конъюнктурон дызæрдыгдзинæдтæ, ис сын динамикон райрæзт æмæ азæй азмæ йемыдзаг кæнынц ног мидисæй. Арæзт æрцыд уæзджын дыууæварсон бадзырдон-барадон бындур. Ӕмархайды фыццаградон фæдыздæхт – республикæйы экономикæ æмæ социалон къабазы райрæзт, кæцы ныры онг дæр йæ къахтыл кæронмæ не слæууыд дæргъвæтин æзты блокадæ æмæ Гуырдзыстоны æрдыгæй хотыхджын агрессийы фæстæ", — загъта Кулахметов.
Уый бахахх кодта, Уæрæсе дарддæр дæр кæй кæны егъау æххуыс Хуссар Ирыстонæн, æмрæстæджы аразы разæууæлтæ йæ хæдбардзинад сифтонг кæнынæн.