Гаглойты Рутены 130 азы юбилей Цхинвалы банысан кæндзысты конференцийæ

Хуссар Ирыстоны Зонадон-Иртасæн Институты конференцийы зынгæ æхсæнадон архайæджы цардвæндагыл бакæсдзысты цыппар доклады
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цхинвалы банысан кæндзысты зынгӕ ирыстойнаг ӕхсæнадон архайæг, инженер, публицист, Ручъы тоннелы проекты автор Гаглойты Рутены 130 азы юбилей. Зонадон-Иртасæн Институты (ЗИИ) зындгонд гоймаджы номыл йæ рыйгуырæн боны —12 февралы — ауадздзысты зонадон конференци, фехъусын кодта уагдоны директор Гаглойты Роберт.

Гаглойты Рутены æхгæд музей

"Раст йæ райгуырæн бон ацæудзæн Рутены номыл конференци. Цыппар доклады ис нывæзты — зындгонд гоймаджы тыххæй æрдзурдзысты Ирыстоны ахуыргæндтæ. Хистæр зонадон кусæг Бигъулаты Ирина бакæсдзæн доклад Рутены цард æмæ сфæлдыстадыл. "Гаглойты Рутен — рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг" — ацы темæйыл раныхас кæндзæн ног историйы хайады кусæг Джиоты Мурæт. Цæгат Ирыстонæй æрцæудзæн Кортиаты Леуан, уый æрдзурдзæн ТрансКамы историон нысаниуæгыл ирон адæмы царды", — загъта ахуыргонд.

Гаглойты Роберт ма радзырдта, конференцимæ ма хуынд кæй æрцыд Гаглойты Рутены лæппуйы чызг Бэла дæр, уый та бакæсдзæн доклад "Мæ Дада".