ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Газзаты Вадимы номыл Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд нысан кæнды йæ бындурæвæрдыл 26 азы сæххæсты бон, хъусын кæны МХМ пресс-службæ. Хисæрмагонд сконды цытджын ралæуд ацæудзæн МСНК-ы территорийл.
"Мадзæлтты нывæзтмæ гæсгæ бæрæгбоны фæдыл МСНК-ы кусджытæн раарфæ кæндзæн президент Бибылты Анатолий æмæ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь. МСНК –ы кусджытæн лæвæрд æрцæудзæн паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæ. Абон ма дидинтæ сæвæрдзысты МСНК-ы фемардуæвæг кусджыты мемориалон цыртыл", — загътой пресс-службæйы.
ХИ МХМ МСНК арæзт æрцыд 14 февралы 1992 азы. Бындурæвæрæг æмæ фыццаг командир уыд Гæззаты Вадим. Абон МСНК-æн разамынад дæтты милицийы булкъон Плиты Игорь.