Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ

Хуссар Ирыстоны столицæйы цæрджытæ ссардтой фæмардуæвæг хæстонтæ-афгайнæгты рухс нæмттæ мемориалон комплексмæ дидинджыты сæвæрынæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Уалыты Диана. Ветерантæ-афгайнæгтæ Хуссар Ирыстонæй сарæзтой Цхинвалы номарæн митинг, кæцы уыд нывонд Афганистанæй Советон æфсады ракондыл 29 азы сæххæсты бонæн. Ветеранты фарс балæууынмæ æрбацыдысты республикæйы президент Бибылты Анатолий, уæрæсейаг дипмиссийы сæргълæууæг Цхинвалы Марат Кулахметов æмæ хицауады аппараты уæнгтæ.

Митинг в честь дня вывода советских войск из Афганистана
Афганистаны ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурæт загъта бузныг æрæмбырдуæвджытæн, кæй нæ рох кæнынц ирон лæппуты хъæбатырдзинад Афганистаны.

"Махæн 15 февраль у сыгъдæг бон. Раздæры Советон цæдисы алы къуымы дæр нысан кæнынц ацы бон, алы ран дæр уадзынц митингтæ æмæ мысынц ацы хæсты бабынуæвæг хъайтарты. Ацы хæст нымад у иууыл тугкæлæныл Советон цæдисы территорийыл æмæ советон солдат намысджынæй сæххæст кодта йæ хæс", — загъта уый.

Бибылты Анатолий раарфæ кодта ветерантæ-афгайнæгтæн æмæ фæмардуæвджыты хиуæттæн æмæ банысан кодта, сæ удуæлдай хъæбатырдзинадæн сын кæй у зын саргъ кæнын.

Ветерантæ-афгайнæгтæ Хуссар Ирыстонæй: мах тох кодтам рæстдзинады сæрыл

"Советон хæстонтæ сæххæст кодтой сæ интернационалон хæс Афганистаны зæххыл æмæ ныр дæр ацы республикæмæ ныздæхыны рæстæджы уыдонмæ бацæуынц цæрджытæ æмæ сын дзурынц бузныджы ныхæстæ. Ӕз зæгъын бузныг нæ хæстонтæ-афгайнæгтæн, уыдон намысджынæй сæхи кæй равдыстой ацы хæсты. Фæнды мæ зæгъын ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн, цæмæй дзурой сывæллæттæн æхсардзинады урокы тыххæй ацы хъæбатыр лæппуты дæнцæгыл. Цæмæй уыдон æмбарой, кæмæ сæ хъæуы сæхи барын", — загъта Бибылты Анатолий.

Фæмардуæвæг афгайнæгты бинонты æмæ сылгоймæгты номæй бузныджы ныхæстæ загъта иууыл æрыгондæр фæмардуæвæг ветеран-афгайнаг, кæцы йæ цард радта, ивгъуыд æнусы 90-æм æзты Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ — Уалыты Виталийы хо Фаризæт.

1 / 3
Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмтттæ
2 / 3
Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмтттæ
3 / 3
Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмтттæ

"Хæст у – рис, хъизæмæрттæ, цæссыгтæ. Хъысмæт афтæ загъта æмæ Афганистанæй чи æрæздæхт, уыдонæй бирæтæ сæ цард радтой Хуссар Ирыстон хъахъхъæнгæйæ. Ӕнустæм сæ нæмттæ макуы уæт рох! Тынг зын у, фæлæ æз сæрыстырæй дзурын, уыдон сæ цард кæй снывонд кодтой нæ чысыл республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн. Зынаргъ хæстонтæ-интернационалисттæ, фæнды мæ раарфæ кæнын сымахæн бæрæгбоны цытæн, мæ цæст уын уарзы сабырад æмæ фарн", — загъта уый.

Хуссар Ирыстонæй Афганистанмæ ацыд дыууæ сæдæйæ фылдæр æрыгон лæппуйы, уыдонæй æхсæз нал æрæздæхт фæстæмæ.