Ветерантæ-афгайнæгтæ Хуссар Ирыстонæй: мах тох кодтам рæстдзинады сæрыл

© Sputnik / Наталья АйриянТымбыл фынг
Тымбыл фынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афганистанæй Советон æфсады раконды боны цытæн фембæлды æфсæддон архæйдтыты хайадисджытæ Хуссар Ирыстонæй радзырдтой сæ мысинæгтæ

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Афганистанæй советон æфсады ракондыл 29 азы сæххæсты боны размæ тымбыл фынгмæ Цхинвалы æрбамбырд сты уыцы хæсты ветерантæ æмæ радзырдтой ацы дард хæстæфтыд бæстæйы сæ зын службæйы тыххæй.

Афганистаны Ветеранты цæдисы сæргълæууæг Гуыцмæзты Мурæт радзырдта, Хуссар Ирыстонæй æфсæддон архæйдтыты хайад кæй истой 200 æрыгон лæппуйы, уыдонæй æхсæзæй нал æрæздæхтысты фæстæмæ.

"Ӕнæдызæрдыгæй, уый уыд иууыл тугкалæндæр хæст советон дуджы, кæцы сæнкъуысын кодта æппæт дунейон æмæхсæнад. Цахæм фæнды аргълæвæрд ма аразой абон ацы хæстæн, уæддæр мæ бон фидарæй у зæгъын, советон æфсæддон Афганистаны йæхи кæй равдыста хъаруджын æмæ хъæбатыр хæстонæй", — загъта уый.

Абоны бон Хуссар Ирыстоны Афганистаны Ветеранты цæдисы сконды ис 127 адæймаджы, уыдонæй бирæтæ сты республикæйæн æддейæ.

© Sputnik / Наталья АйриянАфганистанæй Советон æфсады раконды боны цытæн фембæлды æфсæддон архæйдтыты хайадисджытæ Хуссар Ирыстонæй радзырдтой сæ мысинæгтæ
Круглый стол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афганистанæй Советон æфсады раконды боны цытæн фембæлды æфсæддон архæйдтыты хайадисджытæ Хуссар Ирыстонæй радзырдтой сæ мысинæгтæ

Ветерантæй иу – Лохты Дзамболат банысан кодта, абон бирæтæй кæй нæ зонынц, цы хъизæмæрттæ бавзæрстой æрыгон ирон лæппутæ ацы хæсты.

"Тынг ахсджиаг у абон ацы цаутыл дзурын, уымæн æмæ нæ лæппутæ сты уый аккаг, цæмæй сын сæ нæмттæ ма ферох кæнæм. Бирæ цыдæртæ æрцыд Афганистаны цардæфхæрд зæххыл, тох кодтам сæрибардзинады сæрыл", — загъта уый.

Ветерантæ радзырдтой, тох кæнын сæ кæй хъуыд фыдæбойнаг уавæрты, фæлæ сын æндæр гæнæн нæ уыд.

Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты амӕттӕгты рухс ном

"Тынг æвзæр климат дзы ис, уыдис дзы алыгъуызон низтæ. Райсомæй изæрмæ бадтыстæм акъоппыты судзгæ хуры бын, бирæты иу ныццавта хур. Нуазыны дон дæр дзы нæ уыд. Мæхицæн дзы ссардтон хо дæр – ирон-медицион хойы, кæцы куы фæцæф дæн, уæд радта мæнæн туг. Ныры онг дæр нæ бастдзинад нæ фескъуыд", — радзырдта ветеран-афгайнæгтæй иу Чилæхсаты Аркадий.

Афгайнаг хæсты æмæ уыцы хæсты фæмардуæвæг лæппуты ном арынæн Цхинвалы æвæрд æрцыд мемориалон комплекс хæстонтæн-интернационалисттæн, кæцы хъæуы сæмбонд кæнын æмæ йын йæ территорийыл хæрзарæзтадон куыстытæ ауадзын.

Уыдон бафтыдтой, раздæр-иу афгайнæгтæ Советон Цæдисы æппæт республикæтæй æрвылаздæр кæй æрæмбырд сты конференцитæм, фæлæ ныр хуссарирыстойнаг ветерантæ-афгайнæгтæм нæй фæрæзтæ, цæмæй исой ахæм фæхуындтæ съездтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0