Дыууæ авари суткæйы мидæг: МХМ-ы фехъусын кодтой цауты тыххæй бæстондæрæй

Авариты фæстиуæгæн зиан баййæфта шофыр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæйы æрцыд дыууæ фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ), зиан баййæфта иу адæймаг, хъусын кæны дыццæджы рсепубликæйы МХМ-ы пресс-службæ.

Ӕртæ адæймаджы бахаудысты фæндагон фыдбылызы Хуссар Ирыстоны

Фыццаг авари æрцыд Цхинвалы: Харебаты Исахъхъы æмæ Хъайтарты уынгты алвæндагыл сæмбæлдысты дыууæ рог машинæйы. "Тойота Камри"-йы шофыр — 28-аздзыд цхинвайлаг сылгоймаг – фехæлдта фæндагон змæлды уагæвæрд æмæ сæмбæлд "Приора"-имæ.

"Приора"-йы шофыр бахауд республикон рынчындонмæ, цы ран ын сæвæрдтой диагноз – сæрымагъзы æнкъæуыст.

Ноджы ма иу фæндагон фыдбылыз æрцыд Цхинвал-Знауыр фæндаджы 14-æм километрыл. ВАЗ-2109-ы шофыр — Терегуаны хъæуы 39-аздзыд цæрæг — нæ сырæхст машинæ скъæрын, уый фæстиуæгæн йæ машинæ рахызт змæлды ныхмæдзог хахмæ æмæ фæфæлдæхт.

МХМ-ы куыд банысан кодтой, афтæмæй шофыр уыд нозтджын.