ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik, Уалыты Диана. Карз респираторон-вирусон инфекцитæй (КРВИ) рынчынты нымæц Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æхсæн дыууæ къуыримæ фæфылдæр ис дыууæ хатты. Ахæм статистикæйы аххосæгты æмæ низтæ фæдзæхсыны мадзæлтты тыххæй Sputnik радзырдтой Сывæллæтты республикон рынчындоны Цхинвалы.
Поликлиникон хайады гæс Хæныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтæмæй сывæллæтты низты сарæх у баст боны гъæд æмæ низты сезонон апарахатимæ.
"Арæхдæр рынчын кæнынц сывæллæттæ скъолатæ æмæ сабидæтты, уымæн æмæ коллективы иу сывæллон куы уа рынчын, уæд иууылдæр фæрынчын вæййынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, медперсонал йæ хъус дары, цæмæй рынчын сывæллон ма хæццæ кæна иннæ сывæллæттимæ, фæлæ уæддæр бынтон бахизын иннæты низтæй нæ рауайы", — банысан кодта уый.
Поликлиникон хайады гæсы ныхæстæм гæсгæ, сарæх сты ахæм низтæ, куыд карз ларингит, назофарингит, тонзиллит æмæ ринит. Зынтæй чи фæразы низ, кæнæ йæ низ кæмæн фæкарздæр вæййы, уыцы сывæллæтты схуыссын кæнынц рынчындоны.
Хæныкъаты Лариса банысан кодта, грипп, кæнæ æндæр карз инфекцион низты эпидемийыл дзырд кæй нæ цæуы.
"Мах фæззæджы сарæзтам сывæллæттæн прививкæтæ, уымæ гæсгæ ныртæккæ нæ республикæйы грипп нæй. Карз инфекцион низтæй нæм ис хъихъгæнæг хуыфæгæй рынчын сывæллæттæ, фæрынчын дзы вæййынц, ацы низы ныхмæ прививкæ цы сывæллæттæн нæй, уыдон. Иуæй иу ныййарджытæ дызæрдыг кæнынц прививкæтæ аразыныл, уыдонимæ мах ныхас кæнæм, дзурæм сын, кæй сты æнæмæнгхъæуæг. Уæлдайдæр та коллективы – прививкæ кæмæн нæй, уыцы сывæллон свæййы низ парахатгæнæг иннæтæн", — бахахх кодта уый.
Хайады гæс ма банысан кодта, кæй вæййы афтæ æмæ цыбыр рæстæг рынчындоны вæййы вакцинæты дефицит.
"Ахæм рæстæг вæййы цыбыр, æмæ хъæуы дарын бастдзинад дохтыримæ, цæмæй рæстæгыл уа базонæн вакцинæйы фæзынд. Уымæ гæсгæ уый хъуамæ ма суа аххосæг, цæмæй сывæллæттæ баззайой æнæ вакцинæйæ. Ӕнæмæнгæй хъæуы аразын вакцинаци иммунитет сфидар кæныны тыххæй", — балхынцъ кодта Хæныкъаты Лариса.