Хуссар Иры ПӔК æрдзырдта Гуырдзыстонимæ арæны хæрзарæзтады нывæзтыл

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты Арæнгæрон службæ сарæзта фæстиуджытæ 2017 азы бакæнгæ куыстæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон иуварсонæй балхынцъ кæндзæн Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны цыды сфыст æмæ адарддæр кæндзæн йæ инженерон хæрзарæзтад. Уый тыххæй радзырдта республикæйы ПӔК-ы Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Валерий Зозуля 2017 азы бакæнгæ куысты фæстиуджыты фæдыл æмбырды рæстæджы.

Уый ацæугæ аз рахуыдта "активон", арæнхъахъхъæнджытæ ауагътой æртын фембæлды бæрц хъæуты цæрджытимæ алы арæнгæрон хъæуты дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыд æнæрадон фембæлдтæ дæр, уымæн æмæ цæрджытæм уыд бæлвырд проблемæтæ æмæ фарстытæ арæны фæдыл.

"Марты нывæндæм иуварсонæй балхынцъ кæнын Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæны сфыст. Ныфс мæ ис, апрелæй районон æмæ хъæууон администрацитимæ æмæ арæнгæрон управлениимæ мах активонæй кæй райдайдзыстæм кусын арæнгæрон органтæн 50-метрон хаххы ахæцыныл", — загъта Зозуля.

Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг загъта, фарст кæй у вазыгджын, уымæн æмæ ис бынæттæ, цы ран проблемæтæ нæй, уæлдайдæр та хæххон-хъæдджын бынаты, фæлæ ис фадгуытæ, цы ран хъæутæ æмæ зæххы фадгуытæ сты æнгом æвæрд арæнмæ.

Хъотайты Мария: Гуырдзыстон фæрссагæй банымадта Хуссар Иры арæн

"Фистæгæй цæудзыстæм километр километры фæдыл, цæмæй исты хатдзæгмæ æрцæуæм. Ӕвæццæгæн хъæутæ бахъæудзæн иуварс кæнын уыцы хаххæй, фæлæ уыдæттæ нырма разæй сты", — банысан кодта уый.

Зозуля радзырдта, фарон фыццаг хатт арæнгæрон обау æвæрд кæй æрцыд арæны километрæй фылдæрыл, инженерон арæзтæдтæ та та ацы аз адарддæр уыдзысты.

"Паддзахадон арæны демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамис цы фæрæзтæ рахицæн кодта, уыдон сфаг сты арæны 1250 метры хæрзарæзтадæн. Ацы аз дæр та алцыдæр баст уыдзæн æхцайы фæрæзтимæ, абоны бон уал махмæ ис 15 млн сомы бæрц. Уыдон фаг сты максимум иу километрæн, чизоны чысыл фылдæр – уый баст у æфсæн гæрæны аргъимæ", — загъта Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг.

Уый бафтыдта, фарон æвæрд кæй æрцыд 63 арæнгæрон информацион амонæджы, куыстыты хайад райстой районтæ иууылдæр. Ӕдæппæт, йæ ныхæстæм гæсгæ, рахицæнгонд æрцыд 11 фадыджы.