ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik, Гæбæраты Ян. Гуырдзыстонимæ арæныл фæрогдæргонд уадзæн пункт "Раздæхæн"-ы таможнæйон пункт хæсдзæн Хуссар Ирыстоны бюджетмæ фараст милуан сомы онг æрвылаздæр. Уый тыххæй брифингы рæстæджы Sputnik загъта мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария.
"Февралы æххæст кæны дыууæ мæйы Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы раздæхæны таможнæйон пункты бакондыл. Ацы къахдзæф, æндæртимæ иумæ, сарæзта республикæйы дæс куысты бынаты.
"Таможнæйон пункты цыппар кусæджы сты Уæрæсейы таможнæйон уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонтæ. Уымæй дарддæр ма, сменæмæ гæсгæ кусынц гуырдзиаг æвзагæй тæлмацгæнджытæ", — загъта Мария.
Боны мидæг, таможнæйон пунктыл рахизы 5-7 машинæйы, алкæцы дæр дыууæ тонны онг уаргъимæ. Тобæ æвæрд ис дзидза æмæ урсаджы продукцийыл, нозт æмæ æндæр продукттыл. Хæлцадон базайрагыл ис æвæрд хъалон 1,5%, акцизоныл та – 3% онг. Ӕмрæстæджы ма ист цæуы хъалон иу проценты бæрц.
"Раздæр, таможнæ бакæныны онг, арæнхъахъхъæнджытæн нæ уыд бар уæргътæ барын æмæ сыл хъалон æвæрын. Ныр та, таможнæйон комитеты бахыгъдмæ гæсгæ, хъалонон фиддонтæ "Раздæхæн"-ы пунктыл æрбахæсдзысты республикæйы бюджетмæ фараст милуан сомы онг", — загъта Хъотайты Мария.
Паддзахадон комитеты сæргълæууæг банысан кодта, райдианы Ленингоры районы таможнæйон пункты сырæзтмæ кæй уыд алыгъуызон ахаст.
"Таможнæйон пункты сырæзт у политикон къахдзæф. Ӕмæ зæгъын хъæуы уый, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ уæргътæ ласыны бар кæй дæтты, уый у уый нысан æмæ нымадмæ кæй исы республикæйы арæнтæ", — загъта уый.