iTunes-ы фæзындысты ирон адæмон зарджытæ

Ансамбль "Уацамонгæ"-йы альбом ссарыны тыххæй йын хъæуы йæ номы кæрон "æ" дамгъæимæ ныффысын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Цæгатирыстойнаг ансамбль "Уацамонгæ"-йы адæмон зарджытæ фæзындысты интернет-дукани iTunes-ы, хъусын кæны "Градус Осетии".

Хуссар Иры фыццаг хатт ацæудзæн адæмон зарæджы фестиваль

"Фыццаг хатт адæмон зарджыты альбом фæзынд дунейы иууыл популярондæр интернет-дуканийы iTunes. Уый у ахсджиаг цау ирон музыкалон культурæйы парахат кæныны къабазы. Ӕввахс рæстæджы ма ацы æмбырдгонд фæзындзæн ноджы 18 интернет-дуканийы", — радзырдта коллективы продюсер Битарты Алексей.

Альбоммæ бацыдысты 14 хъайтарон æмæ кувæн зарæджы, кæцыты æхсæн сты зарджытæ Плиты Иссæйыл, Тлаттаты Черменыл, Гæздæнты авд æфсымæрыл.

Ансамбль "Уацамонгæ"-йы сконды ис фондз æрыгон адæймаджы. 2017 азы музыканттæ ссисты Цæгат Кавказаг форум "Машук"-ы вокалон конкурсы уæлахиздзау. Ансамбль ма у XVI Дельфиаг хъæзтыты призер "Ансамблон адæмон зарыны" номинацийы.