Цæгат Ирыстоны скъоладзауты каникултыл нæ бандавдзæн карантин

Республикæйы ахуырады министрады банысан кодтой, дæргъвæтин карантин кæй нæ бандавдзæн скъоладзауты уалдзыгон каникулты дæргъадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, грипп æмæ респираторон-вирусон низты фæдыл карантинмæ æнæкæсгæйæ, цæгатирыстойнаг скъоладзауты ауаддзысты уалдзыгон каникулты, хъусын кæны газет "Слово".

Карантин Дзæуджыхъæуы адарддæр кодтой марты онг

Уыимæ иумæ кæцыдæр ныййарджытæ нысан кæнынц, æнæнхъæлæджы улæфтытæн кæй уыдзæн æппæрццаг æндæвдад сывæллæтты ахуырады æгъдауыл æмæ уымæ гæсгæ, каникулты аивд уаид раст.

Ахуырады муниципалон управленитæ æмæ ахуыргæнджытæ сидынц ныййарджытæм, цæмæй ма тыхсой. Дзæуджыхъæуы администрацийы профилон структурæйы сæргълæууæг Роман Гозюмов банысан кодта, "дæргъвæтин карантин кæй никуыд бандавдзæн ахуырадон процессыл".

Уымæй дарддæр ма, Гозюмов фехъусын кодта, алы скъолайон программæйæн дæр кæй ис афтæ хуыйнæг "фæлхатты уроктæ", кæцытæ уагъд фæцæуынц дыккаг семестры, скъолатæ та азы райдианы хыгъдмæ райсынц карантинты гæнæнтæ.