Карантин Дзæуджыхъæуы адарддæр кодтой марты онг

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæКарантин скъолайы
Карантин скъолайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны столицæйы скъолатæ æмæ сабидæттæ сæхгæдтой февралы æмбисы

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой 3 марты онг. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны столицæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Поликлиникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эпидемкъæсæр Дзæуджыхъæуы фæфылдæр 1,5 проценты бæрц

Горæты ахуырадон уагдæттæ сæ куыст райдайдзысты къуырисæры, 5 марты.

Карантин адарддæр кæныны тыххæй уынаффæ райст æрцыд Тускъаты Таймуразы сæргълæудæй цы æхсæнхицауадон къамисы рабадт уагъ æрцыд, уым.

Хайад дзы истой ахуырад æмæ зонады министрады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ Цæгат Ирыстоны Роспотребнадзоры минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0