Хацырты Филипп æрдзырдта Ленингоры уавæрыл Татунашвилийы амæлæты фæстæ

Районон администрацийы сæргълæууæг сарæзта комментарий гуырдзиаг ДИФ-ты информацион кампанийæн, кæцытæ Гуырдзыстоны æмбæстаджы амæлæты аххасджын кæнынц Ленингоры хицæутты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрджытæн ис æмбаргæ ахаст Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Тутанашвилийы амæлæты алыварс уавæрмæ æмæ нæ дзуапп кæнынц провокацитæн, загъта йæ интервьюйы Sputnik районы сæргълæууæг Хацырты Филипп.

Татунашвилийы 22 февралы æрцахстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры поселочы, сгарæн-диверсион архайд æмæ 2008 азы августы сабыр цæрджыты амарынмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл.

Татунашвили алидзын кæй бафæлвæрдта, уый тыххæй йæ ныхмæ спайда кодтой физикон тыхæй, кæцыйы рæстæджы уый фæбырыд асиныл æмæ ныццавта йæхи. Уый фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран дыууæ сахаты фæстæ амард.

Районы сæргълæууæг цыппæрæмы фембæлд цæрджытимæ, кæцытæм æрсидт, цæмæй дзуапп ма дæттой серьезон провокацитæн.

"Провокациты тас ис æмæ у серьезон. Ӕхсæвæй-бонæй гуырдзиаг телеканалтæ цыма сæрмагондæй Ленингорæн дæттынц информаци, алыварсонæй змæнтынц цæрджыты, зæгъгæ, уый уыд лæгмард æмæ "мах дарддæр дæр кæндзысты куынæг, уымæн æмæ уый у ирон хицæутты политикæ", — радзырдта Хацырты Филипп.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг ДИФ-тæ хъусын кæныц, зæгъгæ районы сæргълæууæг у æрцæугæ цауы комкоммæ аххосджын æмæ хайадисæг. Хацырты Филипп бахахх кодта, ахæм тæрхонтæн кæй нæй нæдæр юридикон, нæдæр моралон бындур, тæрхон рахæссын та хъæуы "цау максималон объективонæй равзæрст куы æрцæуа, уæд".

"Ахæм алæвæрдтæ сты нывæзтгонд провокаци, цъыф бакалын районы сæргълæууæгыл æмæ йæ ныхмæ скæнын ленингойраг æхсæнад. Районы сæргълæууæгæн йæ бон нæу æххæст кæнын сæрмагонд службæты æмæ æндæр сæрмагонд органты куыст, уымæн æмæ уыдон не сты йæ компетенци æмæ æххæстбарты", — загъта Хацырты Филипп.

ФХМ: Татунашвилийы буар ратдзысты йæ амæлæты дырыс аххосæг сбæлвырд кæныны фæстæ

Ленингоры сæргълæууæг æрсидт ацы трагедийыл спекуляцитæ ма аразынмæ, æмæ равдыста ныфс, рæстдзинад кæй æрцæудзæн бæлвырд æмæ искæй адресыл æнæбындур тæрхæттæн æрцæудзæн кæрон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Татунашвилиимæ уый раздæр зонгæ нæ уыд, Ленингоры та иудадзыгæй цæры æрмæстдæр Татунашвилийы нана, йæ ныййарджытæ æмæ æввахс адæм иууылдæр цæрынц Гуырдзыстоны.

Хацырты Филипп радзырдта, Татунашвилиимæ цы æмбæстæгты æрцахстой — Леван Куташвили æмæ Иосиф Павлиашвили — уыдон кæй сты Ленингоры, цы ран цæрынц сæ ныййарджытимæ æмæ никуыдæм хъавынц цæуын.

"Иуы мад ма дзы радзырдта, зæгъгæ сæм Гуырдзыстонæй дзурынц, цæмæй ацæуой Ленингорæй, фæлæ дыууæ дæр нæ разы кæнынц. Дзурынц, зæгъгæ сæ удхарæй амардзысты æмæ сæ сараздзысты пиар æмæ пропагандæйы фæрæз. Сæ телефонтæ иууылдæр ахицæн кодтой, уымæн æмæ сæм æртхъирæнтæ дæр кодтой Гуырдзыстонæй", — загъта уый.

Районы сæргълæууæг бафтыдта, цæрджытæн кæй ис æмбаргæ ахаст уавæрмæ.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, æргомæй уыдонæн сæ бон нæу исты уынаффæтæ аразын, тæрсынц, æмæ сæ мæ бон нæу аххосджын кæнын. Фæлæ сæрмагонд ныхæсты гуырдзиаг æмбæстæгтæ дæр дзурынц, кæй сæ æппарынц галиузонд архæйдтытæм, фæлæ алцыдæр æмбарынц", — загъта уый.

Амæй размæ сæрмагонд службæтæ фехъусын кодтой, Татунашвили кæй цæттæ кодта провокацитæ Уæрæсейы президенты æвзæрстыты агъоммæ, цы ран хайад райсдзысты Уæрæсейы æмбæстæгтæй иудадзыг Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон.

Хацырты Филипп банысан кодта, районы кæй цæттæ кæнынц æвзæрстытæм æмæ къуырисæры, 5 марты кæй райдайдзæн развæлгъау хъæлæскæнынад.

Районы цæрынц 670 Уæрæсейаг æмбæстаджы, кæцытæн ис бар райсын хъæлæскæнынады.