ФХМ: Татунашвилийы буар ратдзысты йæ амæлæты дырыс аххосæг сбæлвырд кæныны фæстæ

© Sputnik / Алексей КовалевБольница
Больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонæн ницы пайда уыд Татунашвилийы амæлæт, фехъусын кодтой ФХМ-ы

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилийы буар ратдзысты йæ бинонтæн, куыддæр бæлвырд æрцæуой цауы æууæлтæ иууылдæр æмæ йæ амæлæты дырыс аххосæг, афтæ, дзырдæуы Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы официалон хъусынгæнинаджы.

Татунашвилийы 22 февралы æрцахстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры поселочы, сгарæн-диверсион архайд æмæ 2008 азы августы сабыр цæрджыты амарынмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл.

Татунашвили алидзын кæй бафæлвæрдта, уый тыххæй йæ ныхмæ спайда кодтой физикон тыхæй, кæцыйы рæстæджы уый фæбырыд асиныл æмæ ныццавта йæхи. Уый фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран дыууæ сахаты фæстæ амард.

"Хъусдар йæхимæ здахы, бирæнымæц комментатортæ цы фактыл нæ дзурынц, уыцы ахсджиаг æууæл –– слестгæнæн изоляторы конвоир кæныны рæстæджы Татунашвили байста конвоиртæй иуы хæцæнгарз æмæ бафæлвæрдта æхсын. Ацы фæлвæрды ныхмæ барадхъахъхъæнæг органтæ райстой мадзæлттæ – тыхæй спайда кæнгæйæ йын байстой йæ хæцæнгарз æмæ йæ сæнæзианхъом кодтой", — зæрдыл æрлæууын кодтой ФХМ-ы инциденты æууæлтæ.

Хъусынгæнинаджы автортæ бахахх кодтой, Хуссар Ирыстоны кæй нæ хъуыд цауы ахæм райхæлд, уымæн æмæ алидзыны фæлвæрд бафидар кодта барадхъахъхъæнæг органты верси, ома азымгонд уыд аххосджын, цæй тыххæй йæ æрцахстой, уыцы хъуыддæгты.

"Уымæ æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны компетентон органтæ уадзынц ахæм рæстæджыты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, кæцытæ сбæлвырд кæндзысты цауы æххæст æууæлтæ æмæ Татунашвилийы мæлæты дырыс аххосæг, уый фæстæ йæ буар æрцæудзæн лæвæрд йæ бинонтæн", — загътой ФХМ-ы.

Пистолет Макарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цæрæг амардта нæлгоймаджы æмæ йын фæцæф кодта йæ фырты

Ӕмрæстæджы, дипломатон уагдоны æрсидтысты аздахын хъусдард Гуырдзыстоны ныхмæвæрд реакцимæ, цы ран гуырдиаг цæрджыты иу хай сиды цаумæ объективон цæстæй кæсын, аннæ хай та пайда кæны ацы темæйæ сæрмагонд рейтинг фæбæрзонддæр кæнынæн гуырдзиаг конъюктурон политикон тохы.

ФХМ-ы уавæрæн саргъ кодтой, куыд нырыккон гуырдзиаг æхсæнады уавæры æмæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ цæрджытæм реалон ахасты объективон бæрæггæнæн.

"Рауæрæхгонд вакханали ирæтты ныхмæ схызт рекордон бæрæггæнæнмæ", — банысан кодтой дипломатон уагдоны.

ФХМ-ы банысан кодтой, Татунашвилиимæ инциденты фæдыл реакци алцыдæр кæй æрæвæрдта йæ бынаты – Гуырдзыстоны æрæхгæдтой фæндæгтæ, хъуысынц æргом æртхъирæнтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адресыл, Уæрæсейы дарддæр абсурдонæй аххосджын кæнынц "оккупацийы" æмæ ма сидынц райсын экономикон санкцитæ æндæр сыхаг бæстæты ныхмæ.

"Ахæм æппæрццаг райрæзты, Гуырдзыстоны къухдариуæгады сабыр декларацитæн, уый нымæцы цæттæдзинад йæ минæвæрады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æхсæнадæмон фæзуæттыл бадзырдты æвæрццаг фæстиджытæ райсыны тыххæй, ницыуал нысаниуæг ис", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ведомствæйы балхынцъ кодтой, уымæй бæрæг кæй у, Гуырдзыстон бирæ æзты дæргъы цы "фидауын" æмæ хæларсыхагон концепци парахат кæны, уый æххæстæй кæй фæкъуыхцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0