Карантин Дзæуджыхъæуы адарддæр кодтой æбæлвырд рæстæгмæ

Февралы кæрон карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой 5 марты онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой æбæлвырд рæстæгмæ, Роспотребнадзор æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрмагонд бардзырды онг.

Цæгат Ирыстоны скъоладзауты каникултыл нæ бандавдзæн карантин

Февралы кæрон карантин Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты адарддæр кодтой 5 марты онг.

Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ, грипп æмæ карз респираторон вирусон низты эпидемкъæсæр республикæйы у хызт 22 проценты бæрц, уыимæ иумæ рынчынты фылдæр хай сты сывæллæттæ.