Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны хъуыддаг президент райста йæ хъусдардмæ

Мидхъуыддæгты министрады æртæ кусæджы ныхмæ конд æрцыд уголовон хъуыддаг, уыдонмæ зæрдæ æхсайы Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны хъуыддаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент райста йæхи сæрмагонд хъусдарды бынмæ Мидхъуыддæгты министрады тагъд архайды сæрмагонд къорды (ОМСН МВД) кусджыты ныхмæ уголовон хъуыддаджы сгæрст, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина. 

"Никæмæн нæй бар, уæлдайдæр та барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæн, ахæм уагыл сæхи дарын. Уыдон хæсджын сты хъахъхъæнын законы домæнтæ. Азымджынтæ хъуамæ бæрндзинад хæссой карзæй", — фехъусын кодта президенты позици йæ пресс-секретарь.

Генпрокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны цау

Sputnik МХМ-йы фехъусын кодтой, æртæ æмкусæджы дæр сæ бынæттæй сæрибар æрцыдысты.

Генералон прокуратурæ 1 марты æрбакодта уголовон хъуыддаг ТАСК-ы раздæры кусджытæ Бестауты Альберт, Гобозты Ӕхсарбег æмæ Сагкаты Вадимы ныхмæ. Уыдон азым цæуынц Цхинвалы 28-аздзыд цæрæг Дзабиты Иналæн буары цæфтæ æрхæссыны.

Инцидент æрцыд микрорайон БАМ-ы Плиты Ароны уынгыл. Цау бахаудта видеомæ, кадрты зыны, сæрмагонд формæйы лæппутæ цалдæрæй нæмынц æндæр лæппуйы, сылгоймаг æмæ нæлгоймаг архайынц сæ баиргъæвыныл.

Фæстæдæр рабæрæг, барадхъахъхъæнæг кусджытæ кæй хъавыдысты лæппуйæн йæ фаззон æфсымæрмæ, фæлæ хæццæйæ фæнадтой бынтон æнæазым адæймаджы.