Дзæуджыхъæуы цæрæг амардта йæ фыд-ветераны, стæй та йæхи

Развæлгъау версимæ гæсгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 93-аздзыд ветераны лæгмард сарæзта йæ фырт, цæй фæстæ амардта йæхи
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ссардæуыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран æмæ пенсиисæджы мард буар тыхмарды миниуджытимæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитеты пресс-службæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн бакодтой цырт Присы

Цауы бынат басгарыны рæстæджы ма ссардæуыд зианбаййафæджы 68-аздзыд фырты мард буар дæр. Слестгæнæн органты версимæ гæсгæ, нæлгоймаг нырма амардта йæ фыды уый фæстæ та йæхи.

Ацы факты фæдыл Дзæуджыхъæуы СК слестгæнæн управлени бакодта уголовон хъуыддаг "лæгмард" статьяйы фæдыл.

Ныртæккæ уагъд цæуынц æнæмæнгхъæуæг слестгæнæн мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты саразгæ фыдракæнды æууæлтæ иууылдæр рафæлгъауынмæ.