ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæ райстой сæхимæ æппæт хъизæмæртты уаргъ республикæйæн уæззау æзты, загъта Хуссар Ирыстоны президент Сылгоймæгты æхсæнадæмон боны цытæн цытджын æмбырды Цхинвалы.
"Уый рæсугъд бæрæгбон у, фæлæ алыхатт афтæ рæсугъд нæ уыд, куыд абон. Республикæйæн уæззау 1990-æм æзты сымах айстат уæхимæ хъизæмæртты уаргъ, кæцытæ æвзæрста нæ республикæ. Сымах дæттат зонындзинæдтæ нæ сывæллæттæн уазал кълæссты, хæдзæрттæй-иу хастат сугтæ, цæмæй нын батават нæ сывæллæтты", — загъта уый.
Паддзахады сæргълæууæг ма бахахх кодта, сылгоймæгтæ нæлгоймæгты æмрæнхъ кæй тох кодтой сæ адæмы сæрибардзинадыл. Уымæ гæсгæ, орден "Уацамонгæ"-йæ хорзæхджын æрцыдысты нæ хъæбатыр сылгоймæгтæ дæр", — загъта президент.
Бибылты Анатолий банысан кодта, абон сылгоймæгтæн кæй ис бæрнон бынæттæ бирæ организациты, уымæн та ис æвæрццаг æндавдад сæ куыстыл.
"Уæ алы къахдзæфæн дæр, уæ куыстæн, мах – нæлгоймæгтæ сымахæн дзурæм стыр бузныг! Сымах стут ахæм адæм, кæцытæ нын лæвар кæнынц циндзинад хъомыл нын кæнут нæ сывæллæтты, цайдагъ сæ кæнут хорз хъуыддæгтыл. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын 8 марты бæрæгбоны цытæн", — загъта президент.
Ӕмбырд адарддæр ис бæрæгбонон концертæй – мадзалмæ æрбацæуджытæн сæ зарджытæ сæххæст кодтой хуссарирыстойнаг эстрадæйы стъалытæ.