ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Болгарийы фысджыты Намысы аллеяйы æвæрд æрцыд ирон номдзыд фыссæг, поэт, нывгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Къостайы бюст, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Нæ номдзыд æмзæххоны цыртдзæвæны автор у скульптор Хайты Ибрагим.
"Кириллицæйы кæрт" æппæт дунейы у иунæг ахæм культурон-историон комплекс, Кирилл æмæ Мефодийæ уæлдай дзы сæнусон кæндзысты культурæйы 80 архайæджы номы. Сты алы адæмы хæттыты, бæстæты æмæ дины минæвæрттæ. Сæйрагдæр домæн у, цæмæй сæ уацмыстæ фыст уой кириллицæйыл", — дзырдæуы хъусинаджы.
Алы бюсты бын дæр ныккалдзысты фыссæджы фыдыбæстæйæ ласт зæхх.