Мæскуыйы байгом ирон нывгæнæг Гогаты Мараты равдыст

Экспозицимæ бацыдысты æрыгон нывгæнæджы куыстытæ нывкæнынады техникæйы (портрет, пейзаж, натюрморт, жанрон куыстытæ) æмæ графикæйы, афтæ ма хъæдæрмæгыл нывæфтыд куыстытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik. Мæскуыйы, Есенины номыл музейы æрбайгом ирон нывгæнæг, Уæрæсейы паддзахадон Аивæдты академийы рауагъдон Гогаты Мараты персоналон равдыст "Райдиан", хъусын кæны музейы пресс-службæ. Ирон нывгæнæджы куыстыты экспозици адарддæр уыдзæн марты кæрæттæм.

Экспозицийы æвдыст сты натюрморттæ, пейзажтæ æмæ портреттæ, кæцыты æхсæн ис дирижер Дудараты Вероникайы портрет дæр, афтæ ма Дæргъæвсы мæрдты горæты пейзаж дæр.

Турчы байгом хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст art'ALAN

"Райстон дизайнеры ахуырад, фæлæ мæ нывкæнынад афтæ балвæста йæхимæ æмæ райдыдтон ныв кæнын. Хайад истон иумæйаг равдыстты, фарон мæ айстой Нывгæнджыты цæдисмæ æмæ аскъуыддзаг кодтон, кæй æрлæууыд мæ сæрмагонд равдысты афон. Ам ис фенæн мæ куыстытæ — фæстаг авд азы ретроспективæ. Уый у ома хыгъд: мæнæ, цы арæзтон. Нæй мын бæлвырд темæ. Мæ куыстытæ мын сты куыд мæ сывæллæттæ — иууылдæр уарзон", — загъта Гогаты Марат.

Равдыстмæ æрбацæуджытæ, уыдон нымæцы нывгæнæджы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, бæрзонд аргъ скодтой Мараты дæсныйадæн, афтæ ма банысан кодтой йæ куыстуарзондзинад æмæ хъæддыхдзинад.

Гогаты Марат у Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы уæнг æмæ аивадон равдыстты хайадисæг, хорзæхджын у Аивæдты уæрæсейаг академийы дипломæй.