Бибылты Анатолий балхæндзæн машинæ Sputnik Хуссар Ирыстоны радиоамонæгæн

Республикæйы зындгонд журналист æмæ эксурситæуадзæджы автомашинæ басыгъд ивгъуыд къуыри, социалон хызæгты æвæстиатæй райдыдта акци Карсанты Гурамæн баххуыс кæныны фæсидтимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны зындгонд журналист æмæ экскурситæуадзæг Карсанты Гурамы машинæ басыгъд ивгъуыд къуыри. Гурам йæ "Лада-Калина"-йыл сæдæгай туристтимæ æрзылд æнæхъæн республикæйыл, Ирыстоны историйыл дзургæйæ æмæ сын алæмæттаг къуымтæ æвдисгæйæ.

"Райстæуыд фæндон Гурамæн УАЗ "Патриот" балхæнын! Кæд дæ, Гурам, ахæм машинæ хъæуы, уæд!", — ныффыста президент комментарийты социалон хызæг Facebook-ы.

Гурам йæхæдæг дзуры, æхæм азæлд æнхъæл кæй нæ уыд йе ′мгæрттæ æмæ æнæзонгæ адæмæй. Социалон хызæгты æвиппайды бакодтой акци ахæм хэштегимæ — #поможем гиду (баххуыс кæнæм гидæн).

"Комментатортæй чидæр бахаста фæндон мæнæн УАЗ "Патриот" балхæнын, кæцыйæн президент, йæхæдæг Facebook-ы активон пайдагæнæг, æвиппайды радта дзуапп. Ӕз æнхъæлдтон, уый цавæрдæр хайад кæй райсдзæн акцийы, фæлæ æнхъæл нæ уыдтæн æмæ президент йæхæдæг æнæхъæнæй аскъуыддзаг кæндзæн проблемæ", — загъта Карсанты Гурам.

Уый загъта бузныг Бибылты Анатолий æмæ республикæйы алы цæрæгæн дæр, кæцытæ балæууыдысты йæ фарсмæ.