ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ равдисдзысты бæрзонд активондзинад Уæрæсейы президенты æвзæрстыты æнæ æрсидтæй дæр æвзарæн фадгуытæм æрбацæуыны фæдыл, загъта президент Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны, 18 марты æрбайгом уыдзысты 13 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй дыууæ – 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæн, 11 та – æмбæстагон цæрджытæн. Республикæйы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæй алкæмæн дæр уыдзæн фадат УФ-йы президенты æвзæрстыты хайад райсынæн.
"Республикæйы цæрджыты 98%-æн ис Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгад, уымæ гæсгæ Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ сты не 'взæрстытæ дæр. Уымæй дарддæр, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ зонынц, Уæрæсейы политикон, экономикон æмæ социалон процестæ иууылдæр кæй æндавынц нæ республикæйы цардыл дæр. Уымæ гæсгæ, æнæ æвзарæн фадгуытæм æрбацæуыны фæдыл æрсидтытæй дæр, цæрджытæ активон хайад райсдзысты хъæлæскæнынады", — загъта Бибылты Анатолий йæ интервьюйы 15-Регионæн.
Уый банысан кодта, уæрæсейаг минæварады информацимæ гæсгæ, республикæйы цæрджытæ активон хайад кæй исынц æмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады, кæцы цæуы дæрддзæф хъæуты.
Президент ныфс бавæрдта, æвзарæн процесс иууылдæр кæй цæуы хорз уавæры.
"Ӕз нæ дызæрдыг кæнын, æвзарджытæ кæй схъæлæс кæндзысты мидæггагон æмæ æддагполитикон политикæйæн æмæ бæстæйы размæцыдæн", — загъта Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынад сорганизаци кæныныл кусы уæрæсейаг минæварад республикæйы ЦӔК, районон хицæутты æмæ барадхъахъхъæнæг органты æххуысæй.