Театры бон Цхинвалы банысан кæндзысты "Антигона"-йы премьерæйæ

Спектакль "Антигона"-йы æвзонг актертæ Бекъойты Зæринæ æмæ Цоциты Андрейæн уыдзæн сæ дебют стыр сценæйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Театры æхсæнадæмон бон банысан кæндзысты Жан Ануйы пьесӕ "Антигона"-мæ гæсгæ спектаклы премьерæйæ, фехъусын кодтой Sputnik театры пресс-службæйы.

Паддзахадон драмтеатр Цхинвалы эксплуатацимæ ратдзысты 2018 азы апрелы

Театры æхсæнадæмон бон æрвылаз нысан цæуы 27 марты. Спектакль Хетæгкаты Къостайы номыл драмтеатры сценæйыл æвæры театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамерлан.

"Антигона" суыдзæн ацы азы сæйраг премьерæтæй иу. Спектаклы сæйраг фæлгонцтæ режиссер бакодта ног фæлтæры бæрны — Бекъойты Зæринæ æмæ Цоциты Андрей ныридæгæн кусынц стыр сценæйыл сæ фыццаг фæлгонцтыл. Уыдонæй дарддæр ма дзы хъазынц сгуыхт артисттæ – Бибылты Сослан, Дыгъуызты Жанна, Хуыгаты Альбина, Куымæридтаты Батрадз, Битеты Милена æмæ Харебаты Жан-Жак", — загътой пресс-службæйы.

Спектаклы актерты уæлæдарæс бацæттæ кæнынмæ хуынд æрцыд æвзонг курдиатджын дизайнер Бекъойты Хох. Нывгæнæджы куыст дзы бакæндзæн Санахъоты Мæдинæ.

 

Французаг драматургЖан Ануй йæхирдыгонау рацарæзта антикон пьесæ "Антигона", йæ фыццаг премьерæ ацыд 43-æм азы немыцæгтæй æрхъулагонд Парижы. Ныридæгæн ацы спектакль ис æппæт стыр театрты репертуары дæр.