Президент Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны тыххæй: азымджынтæ æфхæрд æрцæудзысты

Паддзахады сæргълæууæг œрдзырдта, œрœджы Милицийы тагъд архайды къорды кусджыты 'рдыгœй цы фœткхалœн цау œрцыдис, ууыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахœс кодта милицийы патрулон автотранспорт œмœ 'мкусджыты сифтонг кœнын  видеокамерœтœй, цæмæй закон œмœ куысты фœтк ма халой, хъусын кæны Мидхъуыддœгты министрады пресс-службæ. 

Милицийы сœрмагонд къорды агъуысты уагъд œрцыдис œмбырд. Йæ куысты хайад райста президент Бибылты Анатолий. Паддзахады сæргълæууæг œрдзырдта, œрœджы Милицийы цырд фездœхты къорды кусджыты 'рдыгœй цы фœткхалœн цау œрцыдис, ууыл.

"Ахœм цаутœн не 'хсœнады бынат ма хъуамœ уа, уымœн œмœ милицийы кусджытœй адœм œвœрынц ныфс. Законы сœрты чи ахызтис, уыдон та œфхœрд хъуамœ 'рцœуой", — карзœй банысан кодта Бибылты Анатолий.

Æмбырды фæстиуджытæм гæсгæ, дœлхœйтты хистœртœн бахœсгонд œрцыдис фылдœр хъусдард здахын сœ дœлбар цы кусджытœ ис, уыдонимœ, цœмœй закон œмœ куысты фœтк ма халой.

Генпрокуратурæ сгары Цхинвалы цæрæджы фæнæмыны цау

Генералон прокуратурæ 1 марты æрбакодта уголовон хъуыддаг цырд фездœхты къорды раздæры кусджытæ Бестауты Альберт, Гобозты Ӕхсарбег æмæ Сагкаты Вадимы ныхмæ. Уыдон азым цæуынц Цхинвалы 28-аздзыд цæрæг Дзабиты Иналæн буары цæфтæ æрхæссыны.

Инцидент æрцыд микрорайон БАМ-ы Плиты Ароны уынгыл. Цау бахаудта видеомæ, кадрты зыны, сæрмагонд формæйы лæппутæ цалдæрæй нæмынц æндæр лæппуйы, сылгоймаг æмæ нæлгоймаг архайынц сæ баиргъæвыныл.

Фæстæдæр рабæрæг, барадхъахъхъæнæг кусджытæ кæй хъавыдысты лæппуйæн йæ фаззон æфсымæрмæ, фæлæ хæццæйæ фæнадтой бынтон æнæазым адæймаджы.