Президент загъта бузныг æфсæддонтæ æмæ кусджытæн Згъудеры уæлмæрд ссыгъдæг кæныны тыххæй

Ӕфсæддон службæгæнджытæ æмæ коммуналон службæтæ ныр цыппæрæм бон æфснайынц Згъудеры уæлмæрды территори, ныссыгъдæггонд фадыг бабæрæг кодта президент Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий басгæрста Згъудеры уæлмæрды территори, кæцы æфснайынц Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ столицæйы мэрияйы цур хæрзарæзтады комбинаты кусджытимæ иумæ.

Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй амæй размæ падзахады сæргълæууæг бахатыд Хъахъхъæнынады министрадмæ, цæмæй æфсæддон службæгæнджытæ сæ куыстæй сæрибар рæстæг баххуыс кæной территори ныссыгъдæг кæнынæн.

"Ӕфсæддон службæгæнджытæ – мотоæхсæгтæ, разæсгарджытæ, артиллеристтæ æмæ хъахъхъæнынады министрады хицæн ахуыргæнæн ротæйы солдаттæ кусынц цыппæрæм бон. Уæлмæрды территори сыгъдæг кæнынц быронæй, калынц æмæ ласынц зæронд бæлæстæ æмæ къутæртæ. Ныридæгæн раластой 80 машинæйы", — фехъусын кодта президентæн хъахъхъæнынады министры х.æ. Гассеты Ибрагим.

Бибылты Анатолий федта территорийы ныссыгъдæггонд фадыг æмæ банысан кодта, уæлмæрд кæй райста хæрзарæзт хуыз.

Анатолий Бибилов осмотрел территорию Згудерского кладбища

"Уæлмæрдтæм зилын у нæ хæс, нæ культурæйы æвдисæн. Ныридæгæн бирæ фæндæгтæ, уыдон нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цыртытæм æмæ уæлмæрдтæм асыгъдæг кодтой пыхсытæй, уæлмæрд райста бынтон æндæр хуыз. Стыр бузныг уын уый тыххæй", — загъта президент кусджытæ æмæ службæгæнджытæн.

Уый ма бахæс кодта Цхинвалы мэр Коцты Аланæн 13 коммунартæн цырт сцалцæг кæнын.

Куыстытæ Згъудеры уæлмæрды адарддæр уыдзысты ноджы цалдæр бон.