ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий басгæрста Згъудеры уæлмæрды территори, кæцы æфснайынц Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ столицæйы мэрияйы цур хæрзарæзтады комбинаты кусджытимæ иумæ.
Президенты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй амæй размæ падзахады сæргълæууæг бахатыд Хъахъхъæнынады министрадмæ, цæмæй æфсæддон службæгæнджытæ сæ куыстæй сæрибар рæстæг баххуыс кæной территори ныссыгъдæг кæнынæн.
"Ӕфсæддон службæгæнджытæ – мотоæхсæгтæ, разæсгарджытæ, артиллеристтæ æмæ хъахъхъæнынады министрады хицæн ахуыргæнæн ротæйы солдаттæ кусынц цыппæрæм бон. Уæлмæрды территори сыгъдæг кæнынц быронæй, калынц æмæ ласынц зæронд бæлæстæ æмæ къутæртæ. Ныридæгæн раластой 80 машинæйы", — фехъусын кодта президентæн хъахъхъæнынады министры х.æ. Гассеты Ибрагим.
Бибылты Анатолий федта территорийы ныссыгъдæггонд фадыг æмæ банысан кодта, уæлмæрд кæй райста хæрзарæзт хуыз.

"Уæлмæрдтæм зилын у нæ хæс, нæ культурæйы æвдисæн. Ныридæгæн бирæ фæндæгтæ, уыдон нымæцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты цыртытæм æмæ уæлмæрдтæм асыгъдæг кодтой пыхсытæй, уæлмæрд райста бынтон æндæр хуыз. Стыр бузныг уын уый тыххæй", — загъта президент кусджытæ æмæ службæгæнджытæн.
Уый ма бахæс кодта Цхинвалы мэр Коцты Аланæн 13 коммунартæн цырт сцалцæг кæнын.
Куыстытæ Згъудеры уæлмæрды адарддæр уыдзысты ноджы цалдæр бон.