РХИ президент æмæ цæгатирыстойнаг министр æрдзырдтой экономикон æмгуыстадыл

Хуссар Ирыстоны президент æмæ Цæгат Ирыстоны экономикæйы министры фембæлд ацыд цыппæрæмы Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Ирыстоны цæгат æмæ хуссарæн ис "серьезон коэффицент" экономикон ахастыты райрæзтæн, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Цæгат Ирыстоны экономикæйы министр Томайты Хъазбегимæ фембæлды рæстæджы.

Хуссар Ир æмæ Луганск бафыстой экономикон æмгуыстады сразыдзинад

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæн экономикон бастдзинæдтæ кæй хъæуы фæуæрæхдæр кæнын æмæ рахизын æмгуыстады ног æмвæзадмæ.

"Дæ балц нæ республикæмæ æмæ фембæлд Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министримæ дзурæг сты контакттæ срæвдз кæнынмæ цæттæдзинадыл", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Томайты Хъазбег фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министримæ кæй бакуыстæуыд нывæзтыл, цы ран хъуамæ банысангонд æрцæуа иумæйаг куысты контур.

Встреча президента РЮО с главой Минэкономики РСО - Алания

"Мах сарæзтам конкретон архæйдтыты протоколы проект, кæцытæ сæххæст кæниккой нæ æххæстгæнæн хицауадты органтæ. Мах архайæм, цæмæй чысыл æмæ фæд-фæдылон къахдзæфтæй нæ къухты бафта уый, æмæ алы адæймаг дæр Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Цæгат Ирыстоны дæр йæхиуыл банкъара ацы æмархайды фæстиуджытæ", — загъта цæгатирыстойнаг министр.

Бибылты Анатолий радта æвæрццаг аргъ, цы иумæйаг куыст уагъд цæуы, уымæн.