ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон бафыста экономикон æмгуыстады фæдыл сразыдзинад Луганскаг адæмон республикæимæ, хъусын кæны РИА Новости.
Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий бахахх кодта, экономикон æмгуыстады фæлгæтты кæй нывæндынц фæлтæрддзинад дих кæнын, уый нымæцы зонадон къабазы.
"Мах ацы балцы фæлгæтты æрмæст ацы блокы ведомствæты къухдариуæггæнджытимæ не ′мбæлдыстæм, фæлæ ма фæуазæг стмæ дыууæ куыстуатмæ. Мах дисы баппæрста дыууæ куыстуаты дæр кондад куыд арæзт у, уый. ЛАР-ы куыстуæтты цы фæлтæрддзинад ис, уымæй мах æнæмæнгæй спайда кæндзыстæм нæ кондадты Хуссар Ирыстоны", — загъта Кокойты Геннадий.
ЛАР-ы экономикон райрæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Елена Костенко фехъусын кодта журналисттæн, æмгуыстады фæлгæтты кæй райдыдта стыр куыст экономикон къабазы.
"Уый у ахастыты уæрæх спектр – экономикæ, туризм, культурæ, сæудæджерад. Афтæ ма базарадон ахастытæ æмæ инвестицион архайд. Иу уæрæх нысаниуæгджын æмбарынад – экономикон райрæзт", — загъта уый.
Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.