Хуссар Иры МХМ: Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй

Ӕвзæрстыты рæстæджы æхсæнадон æдасдзинады сифтонг кæнынæн мидхъуыддæгты органты хисæрмагонд сконд 17 мартæй рахызт службæ хæссыны фæтыхджындæргонд режиммæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Уæрæсейы президенты æвзæрстыты рæстæджы Хуссар Ирыстоны иу фæткхалæн цау дæн не рцыд банысангонд, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ. Ӕхсæнадон уагæвæрд хъахъхъæдтой милицийы 360 кусæджы.

"Хъæлæскæнынады процесс цыд сабырæй, законы фæлгæтты", — банысан кодта æхсæнадон æдасдзинады милицийы сæргълæууæджы хæдивæг Лалыты Геннадий.

Законыл æмæ демократонæй: цæстдарджытæ Хуссар Ирæй Уæрæсейы æвзæрстыты тыххæй

Лалыты Геннадий бафтыдта, милицийы кусджытæ кæй ифтонг кодтой æдасдзинад хъæлæстæ нымайыны рæстæджы дæр, афтæ ма сæ хъус дардтой документтæм транспортировкæйы рæстæджы.

"Мидхъуыддæгты министр йæхæдæг басгæрста æвзарæн фадгуытæ се 'рбайгомы онг дæр. Ӕвзæрстыты бон æрзылд Цхинвалы æвзарæн фадгуытыл æмæ бынаты федта, хъæлæскæнынад куыд цæуы æмæ милицийы кусджытæ службæ куыд хæссынц, уый дæр", — бахахх кодта уый.

Ӕвзарæн фадгуытæ цалынмæ не ′рбайгом кодтой, уæдмæ сæ иууылдæр рæмудзæн æрмæджыты æмæ рæмудзæн буарæдты фæдыл басгæрстой инженерон-техникон къордтæ.