ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Козаты Диана. Владимир Путины уæлахиз Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстыты – у сомбоны ныфс æрмæст Уæрæсейы цæрджытæн нæ, фæлæ ма уый нымæцы Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдонæн дæр, загъта Sputnik президент Бибылты Анатолий.
Уæрæсейаг Центрæвзæрсткъамы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бюллетенты 100%-ы бæрц банымады фæстæ, Путинæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 76%.
"Хуссар Ирыстоны рдæм Владимир Владимиры фырты фидар позици, республикæйы проблемæтæм хъусдард æмæ уыдон скъуыддзаг кæныны фадæтты агуырд хынцгæйæ, Хуссар Ирыстонæн Путины уæлахиз у Хуссар Ирыстонæн размæцыды дарддæры фадат, æддагон æртхъирæнтæм æнæкæсгæйæ", — банысан кодта Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта, республикæйы кæй нæ дызæрдыг кæнынц, Уæрæсе алыварсонæй кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны адæмæн.
Хуссар Иры президенты ныхæстæм гæсгæ, Путины уæлахиз æвзæрстыты у республикæйы социалон æмæ экономикон проектты реализацийы гаранти, "кæцытæн бындурæвæрд æрцыд Владимир Владимиры фырты комкоммæ хайадистæй".