Гасситы Петр: нæ дызæрдыг кодтон, Хуссар Ир Путинæн кæй схъæлæс кæндзæн

Спикер нымайы, Владимир Путины уæлахиз Хуссар Ирыстонæн кæй нысан кæны республикæйы стабилондзинад æмæ райрæзт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейы президенты æвзæрстыты рæстæджы Владимир Путины фарс балæугæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм афтæмæй загътой уымæн бузныг, республикæйæн цы сарæзта, æппæт уыдæтты тыххæй, загъта Sputnik парламенты спикер Гасситы Петр.

Бибылты Анатолий Путины фæуæлахизы фæдыл: уый у сомбоны ныфс

Закондæттæн органы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æвзарæн фадгуытæм æрбацæуæг 18 мин æвзарджытæй Владимир Путинæн схъæлæс кодтой сæ 92,6%.

"Сæрмагондæй мæнмæ ницы дызæрдыгдзинæдтæ уыд, куыд схъæлæс кæндзæн Хуссар Ирыстоны адæм Уæрæсейы президенты æвзæрстыты. Хуссар Ирыстоны уый уыд иунæг фадат Владимир Путинæн бузныг зæгъын, уый цы сарæзта, аразы æмæ сараздæн нæ республикæйæн, уый тыххæй", — загъта Гасситы Петр.

Спикер нымайы, Путины уæлахиз Хуссар Ирыстонæн кæй нысан кæны "иууыл къаддæрæй, стабилондзинад æмæ размæцыд, уыдон нымæцы энергетикон æмæ хæлцадон æдасдзинад".

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Владимир Путин ноджы цы æхсæз азы дæтдзæн къухдариуæгад бæстæйæн, уæдмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн бафыстгонд бадзырдтæ æрмæст сæ тыхы нæ бацæудзысты, фæлæ ма райсдзысты ног, хъомысджын импульс", — банысан кодта уый.

Уæрæсейаг Центрæвзæрсткъамы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бюллетенты 100% банымайыны фæстæ, Путин райста æвзарджыты 76% хъæлæстæ.