ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" сфидар кодта Цхинвалы районты донифтонгады график. Доны гуырахст Цхинвалыл кæй нал æххæссы, уымæ гæсгæ лæвæрд цæуы районтæм радгай, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван.
Уый банысан кодта, сфидаргонд графикмæ гæсгæ, райсомæй горæты иу хай кæй исдзæн дон, изæрæй та аннæ.
"Ног уагæвæрдмæ гæсгæ дон изæры фондз сахатæй фæстæмæ цæудзæн горæты хуссар хаймæ, Харебаты Исахъхъы уынгæй дæлæмæ æмæ микрорайон "Текстиль"-мæ. Райсом авдæй иууæндæс сахатмæ та Цхинвалы централон хаймæ дæтдзысты дон. Цхинвалы Мæскуыйаг æмæ БАМы микрорайонтæ дон иссынц комкоммæ магистралон хæтæлæй", — загъта Сиукъаты Иван.
Цхинвалы донифтонгадимæ проблемæтæ фæзындысты къуырийы размæ. Столицæйы цæрджытæ æрвылуалдзæг дæр фæтыхсынц доны цухдзинадæй, проблемæ аххæссы суанг сæрды райдайæны онг. Уалдзыгон миттайæн рæстæджы доны хæтæл Едыс-Цхинвалы къалиутæй дыууæ сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнынц.
Биноныгæй донифтонгады фарст йæ гаччы сбаддзæн, ног хахх Уанат-Цхинвал куы сырæза, уæд. Йæ арæзтад хаст æрцыд 2018-2019 æзты Инвестицион нывæзтмæ.