Уалдзыгон кризис: Цхинвалмæ дон дæтдзысты графикмæ гæсгæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæУалдзыгон кризис: Цхинвал та æвзары нуазыны доны цухдзинад
Уалдзыгон кризис: Цхинвал та æвзары нуазыны доны цухдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Водоканал"-ы бамбарын кодтой, кæд аскъуыддзаг уыдзæн Цхинвалы донифтонгады проблемæ

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы æввахс бонты ракæндзысты донифтонгады ног режиммæ — горæты районтæм дон цæудзæн графикмæ гæсгæ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы.

Цхинвалы цæрджытæ æрвылуалдзæг дæр фæтыхсынц доны цухдзинадæй, проблемæ аххæссы суанг сæрды райдайæны онг.

"Горæтыл дон кæй нал æххæсы, уымæ гæсгæ ныридæгæн цæттæ кæнæм микрорайонты донифтонгады график. Фылдæр бæрцæй доны цухдзинад æййафы горæты цæггаттаг хай, кæцымæ дон цæуы резервуартæй. Æртæ бонмæ донифтонгады график сфидар кæндзыстæм æмæ йæ фехъусын кæндзыстæм цæрджытæн", — загъта "Водоканал"-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван.

Уый ма бамбарын кодта проблемæйы аххосаг æмæ йæ аскъуыддзаг кæныны фæрæзтæ.

Доны кран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы донифтонгад ракодтой æххуысгæнæг хæтæлмæ

"Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнæм зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ нын сæ бахъæуы ахицæн кæнын", — бафтыдта уый.

Сиукъаты Иваны ныхæстæм гæсгæ, ацы проблемæ ахæсдзæн майы мæймæ. Биноныгæй та донифтонгады фарст йæ гаччы сбаддзæн, ног хахх Уанат-Цхинвал куы сырæза, уæд. Доны хæтæл Уанат–Цхинвалы арæзтад хаст æрцыд 2018-2019 æзты Инвестицион нывæзтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0