Хъæддаг сырдты æрранизы ныхмæ Хуссар Иры ист цæуынц мадзæлттæ

Ныридæгæн егерон службæтæ парахат кæнынц æрранизы ныхмæ препарат "Оралрабивак" сырдджын хъæдты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны вакцинаци цæуынц хъæддаг фыдхор сырдтæ æррайы низæй, фехъусын кодтой Sputnik Экологи æмæ геологийы комитеты.

Хуссар Иры бакодтой тобæ фæлтæхæг мæргъты цæгъдыныл

Ӕррайы низæй бахизыны нысанæн егерон службæ ахæм мадзæлттæ уадздзæн æгас республикæйы территорийыл.

"Ныридæгæн егерон службæимæ иумæ кусæм Цхинвалы районы иу хайы. Препарат "Оралрабивак"-ы мидæг ис хæрынæнбæзгæ компоненттæ æмæ парахат цæуы сырдджын хъæдты. Рынчын сырдты цæгъдыны фæстæ вакцинаци у иууыл ахадгæдæр амал æрранизæй бахизынæн", — радзырдта комитеты минæвар Гæззаты Юрий.

Уый ма банысан кодта, ахæм мадзæлттæ ист кæй цæуынц 2008 азæй, фæлæ сæ фæкарздæр кæнынц, æррайы низ куы рапарахат вæййы, уыцы рæстæджы.